Ӕз дӕ агуырдтон хӕхты быдырты, эй
Ӕз дӕ агуырдтон фӕндыры зӕлты, эй
Ӕз дӕ агуырдтон арвы цӕргӕсау
Ӕз дӕ агуырдтон фурды кӕсагау,
Ды та ӕдзух дӕр уыдтӕ мӕ цуры, эй (2 раза).
Ды мӕ агуырдтай кӕмтты рӕбынты, эй
Ды мӕ агуырдтай рӕссугъддӕр фнынты, эй
Ды мӕ агуырдтай арты цӕхӕры,
Дымӕ агуырдтай хуры фӕлмӕны,
Цӕмӕй йӕ зыдтай кӕй дӕн дӕ цуры, эй (2 раза).
Проигрыш:
Ныр та нӕ кӕрты цины бӕрӕгбон, эй
Кӕрӕдзи ссардтам, сӕххӕст нӕ фӕндон, эй
Фӕндыры цагъдмӕ базарынц мӕргътӕ,
Фыр цинӕй хъазынц суадӕтты дӕттӕ
Никуы уыд Иры ахӕм чындзӕхсӕв, э-эй!
Фӕндыры цагъдмӕ базарынц мӕргътӕ,
Фыр цинӕй хъазынц суадӕтты дӕттӕ
Никуы уыд Иры ахӕм рӕссугъд чындзӕхсӕв, э-эй!
Проигрыш:
Нӕ сабыр цардмӕ тӕхуды кӕнынц, эй
Нӕ сыгъдӕг уарзтыл кадджытӕ мысынц, эй
Ӕз дӕ агуырдтон ӕрзы хъӕлӕсы,
Ды мӕ агуырдтай мигъты хъӕбысы
Уарзты фӕндагыл ссардтам кӕрӕдзи, эй
Ӕз дӕ агуырдтон ӕрзы хъӕлӕсы,
Ды мӕ агуырдтай мигъты хъӕбысы
Уарзты фӕндагыл ссардтам кӕрӕдзи, эй
Уарзты фӕндагыл ссардтам кӕрӕдзи, эй
Уарзты фӕндагыл ссардтам кӕрӕдзи, эй