Мады ном
Куы рараст вæййæм дард балцы нæ кæртæй
Куы скъуырæм искуы фæндагыл нæ къах
Дæ сау дзыкку æсуырс вæййы нæ мæтæй
Æмæ вййæм дæ иунæг катай мах
припев: Ныййарæг мад, ныййарæг мад дæ номыл
Мæ цинтæ æмæ мæ сагъæстæ бæттын
Æз федтон хур дæ къухтæй хуыд хæдоны
Дæ хуыд дзабырты базыдтон цæуын
Нæ рухс фæндты дын рæстæджы уынæрмæ
Цъæх арвы тынæй къабатæ хуыйæм
Нæхи сæртæ æсуырс вæййынц, уæддæр ма
Нæ мадæлтæн сывæллæттау вæййæм
припев
Тæхудиаг йæ цин æмæ рæвдыдæй
Кæмæн бантыст дæу самонджын кæнын
Фæлæ нын хай куы нал вæййы дæ уындæй
Уæд, ехх мæ бон, куд зын вæййы цæрын